Цхинвайлаг ирвæзынгæнджытæ ахуыссын кодтой зынгсирвæзт Уанаты

© Sputnik / Наталья АйриянЗынгфæдисонты машинæ
Зынгфæдисонты машинæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæстæйфенджытæ фехъусын кодтой УУМ радгæсон хайадмæ Цхинвалы районы хъæутæй иуы хисæрмагонд хæдзары ссыгъды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik. Цхинвалы районы Уанаты хъæуы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар, цауы бынатмæ уайтагъддæр ацыдысты зынгфæдисонтæ, фехъусын кодта Sputnik уæлвæткон уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Цхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар

"Цхинвалы районы Уанаты хъæуы хæдзары ссыгъды тыххæй хъусынгæнинаг нæм æрбацыд дыццæджы бонæй, ирвæзынгæнджытæ цауы бынаты уыдысты 15.03 сахатыл", - радзырдта пресс-секретарь.

Бæллæхы фæстиуæгæн æдзар баййæфта зиан, цæрджытæй ничи ницы кодта.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, арт сирвæзт хæдзары хатæнтæй иуы, йæ аххосаг, æвæццæгæн, уыд зынгимæ æнæарæхст архайд. УУМ специалисттæ уадзынц экспертизæ фыдбылызы æууæлтæ раиртасыны тыххæй.

Цæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæ, хæдзары сыгъд мыдадзæй цырагъ æмæ уый гæнæн ис æмæ суыдаит зынгсирвæзты аххосаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0