Хуссар Иры территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст адарддӕр уыдзӕн 2020 азы

© Sputnik / Natalia AiriyanУФ УУМ сапертӕ
УФ УУМ сапертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг центр "Лидер"-ы специалисттӕ ауадздзысты республикӕйы территорийы фӕсхӕстон минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фӕндзӕм этап

ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейаг сапертӕ 2020 азы ссыгъдӕг кӕндзысты рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй Хуссар Ирыстоны территорийӕ дыууын гектарӕй фылдӕр, загъта пресс-конференцийы Sputnik УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт. 

Зынгфӕдисонты хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ мин фӕсидты: Хуссар Иры УУМ сӕргълӕууӕг 2019 азы фӕстиуджыты тыххӕй

Уый суыдзӕн республикӕйы территорийы фӕсхӕстон минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны фӕндзӕм этап. Мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг ӕхсӕнхицауадон бадзырды фӕлгӕтты.

"Фидӕнмӕ нывӕзты ис республикӕйы Цхинвалы районы территорийы адарддӕр кӕнын рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст, йӕ иумӕйаг фӕзуат - 25 гектары", - банысан кодта министр.

Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, кӕн цыппаразон программӕ кӕронмӕ бахӕццӕ, уӕддӕр республикӕйы территорийы баззад рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ӕнӕсыгъдӕг фыдгуытӕ. Уыдон та тӕссаг сты цӕрджыты ӕнӕниздзинадӕн.

© Sputnik / Наталья АйриянЦоциты Азӕмӕт
Хуссар Иры территори минӕтӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст адарддӕр уыдзӕн 2020 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цоциты Азӕмӕт
Ног хабӕртты лентӕ
0