Рӕсугъддзинады изӕр: Цхинвалы балхынцъ ис ирон кафты ӕрвылазон фестиваль

© Sputnik / Евгений ОдиноковЦхинвалы балхынцъ ис ирон кафты ӕрвылазон фестиваль
Цхинвалы балхынцъ ис ирон кафты ӕрвылазон фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестивалы хайад райстой республикӕйы скъолаты хореографион къордтӕ. Конкурсы сӕйраг нысаниуӕг у скъоладзауты монон-фӕткон хъомылад

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацыд ирон националон кафты традицион фестивалы гала-концерт. Ацы изӕр схорзӕхджын кодтой конкурсы уӕлахиздзауты – скъолаты хореографион къордты, кӕцытӕ сӕхи равдыстой иттӕг хорз.

Ирыстоны культурӕйы бон ацӕудзӕн Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны культурӕйы бон ацӕудзӕн Мӕскуыйы

Фестивалы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, фыццаг бынат радтой горӕты 11-ӕм скъолайӕн, дыккаг бынат адих кодтой Цъинагары скъола ӕмӕ цхинвайлаг скъола-интернат. Цытджын ӕртыккаг бынатыл та ацыдысты горӕты дыууӕ скъолайы – фыццаг ӕмӕ дыууадӕсӕм. Кӕцыдӕр скъолаты схорзӕхджын кодтой хайадисӕджы дипломтӕй.

Хуссар Ирыстоны зонад ӕмӕ ахуырады министр Гасситы Натали раарфӕ кодта призертӕн ӕмӕ банысан кодта конкурсы бӕрзонд ӕмвӕзад.

Министр ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй ис рӕсугъд, курдиатджын ӕмӕ зӕнджын фӕсивӕд. Гасситы Натали загъта бузныг фестивалы организатортӕн, жюрийы уӕнгтӕн ӕмӕ хореографтӕн, кӕцытӕ бацӕттӕ кодтой сывӕллӕтты.

Ахуырады министрады хъомылад ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ахуырады хайады хистӕр Джиоты Эльза радзырдта Sputnik хайадисджытӕ ӕмӕ фестивалы нысӕнтты тыххӕй.

"Фестивалы хайад райстой сывӕллӕттӕ республикӕйы алы районтӕй. Сӕ тыхтӕ бафӕлвӕрдтой Ленингоры районы уырыссаг, гуырдзиаг ӕмӕ цъинагайраг скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Фестиваль ацыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл", - банысан кодта хайады хистӕр.

Джиоты Эльзайы ныхӕстӕм гӕсгӕ фестивалы сӕйраг нысаниуӕг у скъоладзауты монон-фӕткон хъомылад.

Дипломтӕй дарддӕр уӕлахиздзаутӕ райстой лӕвӕрттӕ сӕ скъолатӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0