УУМ бафӕдзӕхста зӕйты ӕрцыды тасӕй Цӕгат Иры хӕхты

Рафыссын
Экстренон службӕты информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы зӕйты ӕрцыды тас уыдзӕн цыппӕрӕмы изӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ)фехъусын кодта штормон фӕдзӕхст республикӕйы районты хӕххон районты зӕйты ӕрцыды тасы фӕдыл.

"Цӕгат Кавказы гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл дӕлхайады бӕррӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Цӕгат Ирыстоны хӕххон районты (1500 метрӕй бӕрзонддӕр) ис зӕйты ӕрцыдӕй тас. Штормон фӕдзӕхст уыдзӕн 26 фервалы 18.00 сахаты онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ноджы иу хатт фехъусын кодтой ӕдасдзинады фӕтктӕ зӕйты ӕрцыды тасы рӕстӕджы, афтӕ ма ӕрсидтысты республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм, цӕмӕй ма цӕуой хӕххон районтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0