Пандемийы уавӕрты проект SputnikPro адарддӕр кӕндзӕн йӕ куыст онлайн-режимы

© Sputnik / Наталья АйриянSputnikPro
SputnikPro - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik. Журналистты сӕрмагонд райрӕзты семинарты проект SputnikPro пандемийы рӕстӕджы хизы дистанцион режиммӕ ӕмӕ гом кӕны онлайн-сесситӕ.

Журналисттӕ ӕмӕ блогертӕн Хӕдбар паддзахадты ӕмбалад (ХПӔ) ӕмӕ Балтийы бӕстӕй уыдзӕн фадат ныхас кӕнын актуалон профессионалон фарстытыл вебинарты режимы.

"Нӕ семинартӕм ХПӔ ӕмӕ Балтийы бӕстӕты бирӕ адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ӕмӕ уый фӕдыл мах нӕ ӕруромдзыстӕм нӕ куыст карантины тыххӕй. Нӕ эксперттӕ уадздзысты семинартӕ онлайн-сесситы форматы", - банысан кодта МИА "Россия сегодня"-йы сӕйраг редакторы хӕдивӕг Наталья Лосева.

Онлайн-сесситы фӕлгӕтты SputnikPro нывӕнды ауӕрӕх кӕнын йӕ георграфи – сӕйраджыдӕр, ӕввахс фӕсарӕнты бӕстӕты – ӕмӕ уадзын иу-дыууӕ модулы къуырийы.

Sputnik пресс-центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къамтӕ журналистикӕйы: SputnikPro ног модуль ацӕудзӕн Цхинвалы

Онлайн-сесситы хайад райсынӕн журналисттӕ ӕмӕ блогертӕ хъуамӕ срегистраци кӕной. Контакттӕ Хуссар Ирыстоны аккредитацийӕн:

телефон: +7-929-810-94-62,

E-mail: ossetia@sputniknews.com

SputnikPro-йы тыххæй

SputnikPro — уӕрӕсейы хуыздӕр медиаменеджертӕ ӕмӕ сӕйраг специлистты мастер-класстӕ. Ахуырадон проект SputnikPro Хуссар Ирыстоны райдыдта 2018 азы 18 июны.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik-ы тыххӕй

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0