Уавӕр Транскамыл: зӕйтӕ хъыгдарынц фӕндаг сыгъдӕг кӕнын

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иунӕг фӕндагыл, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстон Уӕрӕсеимӕ, уагъд цӕуынц митӕй ссыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ – процесс размӕ цӕуын нӕ уадзы митуард ӕмӕ зӕйтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты хӕхты знон изӕры

ЦХИНВАЛ, 19 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Транскавказаг автомагистралы цӕгатирыстойнаг хайы ӕртыццӕджы изӕры ӕрцыдысты зӕйтӕ, фехъусын кодта Sputnik РЦИ-Аланийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕйраг дӕлхайады пресс-службӕйы разамонӕг Юлия Старченко.

Транскамы фӕндагон змӕлд нырма дӕр ӕхгӕд у митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыды аххосӕй – фӕндагон змӕлдыл тобӕ сӕвӕрыны скъуыддзаг рахастой дыццӕджы сӕрмагонд барамынды онг.

"Уавӕр у уӕззау. Изӕры фӕндагмӕ ӕрцыдысты зӕйтӕ. Фӕндагыл цӕст хорз не взары, ӕмӕ уый дӕр къуылымпы кӕны куыст, фӕлӕ кусджытӕ уӕддӕр цӕттӕ сты фехсын зӕйты гуырӕнтӕ", - загъта Старченко.

Пресс-службӕйы разамонӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, фӕндагыл айгӕрдынц "пионеркӕ".

Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндагон службæтæ бавнæлдтой Транскам сыгъдæг кæнынмæ

Хуссар Ирыстоны УУМ банысан кодтой, Транскавказаг автомагистралы хуссарирыстойнаг хай сыгъдӕг у митӕй ӕмӕ цӕттӕ у автотранспорты змӕлдмӕ.

"Знон изӕр цӕгаттаг хайы ӕрцыдысты зӕйтӕ. Райсомӕй уыдон сыгъдӕг кодтой фӕндаг, цӕмӕй дзы ацӕуа техникӕ зӕйтӕ ӕхсынӕн. Ӕхст куы фӕуой, уӕд райдайдзысты сыгъдӕг кӕнын фӕндаг", - фехъусын кодтой уагдоны.

Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны уӕлвӕткон уагдӕттӕн нырма сӕ бон нӕу зӕгъын, кӕд байгом уыдзӕн Транскам.

Ног хабӕртты лентӕ
0