Хуссар Иры столицӕйы бавнӕлдтой уалдзыгон зӕлдфӕлындӕнмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уынгтыл коммуналон службӕты кусджытӕ бавнӕлдтой талатӕ садзынмӕ, газонтӕ сног кӕнынмӕ ӕмӕ къутӕртӕ хсӕдынмӕ

ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы уынгтыл ныссадздзысты сусхъӕды ӕртӕ сӕдӕ талайы горӕты уалдзыгон зӕлдфӕлындӕны рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Уый банысан кодта, зӕлдфӕлындӕны хайады кусджытӕ ныридӕгӕн кӕй райдыдтой садзын талатӕ.

"Талатӕ ныссадздзысты уынгтыл, кӕцыты ис цъус бӕлӕстӕ кӕнӕ та дзы бынтондӕр нӕй. Куыстытӕ уагъд цӕуынц администрацийы ландшафтон дизайнер Пӕррӕстаты Иринайы къухдариуӕгады бын. Уый банысан кодта, сусхъӕд кӕй рафидауын кӕндзӕн горӕт", - загъта Коцты Зӕринӕ.

Сусхъӕд садзынӕй дарддӕр, ног кӕнынц газонтӕ ӕмӕ ӕхсӕдынц къутӕртӕ.

Цхинвалы фӕндӕгты арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер-министр бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад

Горӕты администрацийы пресс-секретарь бафтыдта, кусджытӕ бӕрнон ахаст кӕй дарынц хисӕрмагонд изоляцийы режиммӕ, фӕлӕ уалдзыгон куыстытӕ нӕй гӕнӕн аргъӕвын.

"Газонтӕ кӕрдӕджы бын куы фӕуой, уӕд фылдӕр рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ бахъӕудзӕн, цӕмӕй сӕ рафидауын кӕной", - бахахх кодта Коцты Зӕринӕ.

Цхинвалы бирӕ ӕзты фӕстӕ ногӕй садзынц сусхъӕд. Уый размӕ Цхинвалы зӕлдфӕлындӕны хайад ныссагъта цъӕх назы бӕлӕстӕ, бӕрзбӕлӕстӕ ӕмӕ хӕрис.

Ног хабӕртты лентӕ
0