Ног рынчынтӕ нӕй: коронавирусимӕ уавӕр Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæТест
Тест - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 1710 тесты, фӕстаг суткӕйы уыдон ӕвӕрццагфӕстиуджытӕ нӕ радтой

ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik, Козаты Диана. "Югосетпотребнадзор" не сбӕрӕг кодта Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты, инфекцион рынчындоны дарддӕр хос кӕнынц 32 адӕймагӕн, кӕцытыл низ бахӕцыд раздӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта сӕйраг санитарон дохтыры хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коронавирусимӕ тох кӕныны тыххӕй: Хуссар Иры медиктӕ райсдзысты фиддонтӕ

Цалдӕр боны размӕ уагдоны цы тесттӕ сарӕзтой, уыдонӕй фарастӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ. Коронавирусӕй фӕрынчын сты ноджы аст курсанты ӕмӕ иу медицинон кусӕг.

"Ивгъуыд суткӕйы дӕргъы ног рынчынтӕ нӕ фӕзынд. Хуыцаубоны ӕдӕппӕт сарӕзтам 31 тесты, уыдон иууылдӕр равдыстой вирусы нӕуӕвынад", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын абоны онг сты 237 адӕймаджы, сӕ фылдӕр хай сты карантины медицинон уагдӕтты, фондз адӕймаджы та хиизоляцийы.

Уагдоны лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 1710 тесты.

Ног хабӕртты лентӕ
0