ФХМ: ирӕтты геноцид банымайын – историон рӕстдзинады фарст

© Sputnik / Наталья АйриянХициуад
Хициуад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ӕддагполитикон уагдон ӕрсидт банымайын ирӕтты геноцид, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстоны къухдариуӕгад

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik. Ирӕтты геноцид банымайын кӕнын дунейон ӕхсӕнад ӕмӕ Гуырдзыстонӕн у ӕппӕтнацион хӕслӕвӕрд ӕмӕ гаранти, геноциды рецедив кӕй нӕ уыдзӕн, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады.

Фильмӕй кадртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв

20 июнь – 13 ирон коммунары гуырдзиаг ӕфхӕрджытӕ куы фехстой, уыцы цауы афӕдзы бон – республикӕйы банысан кӕныдзысты геноциды амӕттӕгты Мысӕны бон. Зӕрдылдарӕн датӕйы фӕдыл барамынд бафыста президент Бибылты Анатолий ацы аз марты.

"Геноциды 100 азы фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад барвыста Куырдиат фӕсарӕйнаг паддзахӕдтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон организацитӕм, цӕмӕй банымайой ирӕтты геноцид, куыд фыдракӕнд адӕмы ныхмӕ. Хуссар Ирыстон сиды дунейон ӕхсӕнадмӕ, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной паддзахӕдты бӕрндзинад геноцидӕй адӕмты бахъахъхъӕнынӕн. Ирӕтты геноцид банымайын – историон рӕстдзинады фарст", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

2020 азы сӕдӕ азы ӕххӕст кӕны ирон адӕмы геноцидыл, кӕцы сӕххӕст кодта Гуырдзыстоны къухдариуӕгад 1920-ӕм ӕзты. Геноциды амӕттӕгты мысӕнӕн 20 июны республикӕйы ӕмӕ РХИ уагдӕтты фӕсарӕнты ацӕудзысты фыдохы мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0