Æнæ митингæй: Хуссар Иры ацæудзысты 1920-ӕм ӕзты геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры ацæудзысты ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ
Хуссар Иры ацæудзысты ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны бакæнгæ тобæтæм æнæкæсгæйæ июны ацæудзæн рауагъдон бал, Уæлахизы парад æмæ ирон адæмы 1920 азы геноциды мысæн мадзæлттæ

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны массон мадзæлтты тобæмæ æнæкæсгæйæ 20 июны ацæудзæн ирон адæмы геноциды амæттæгты мысæн мадзæлттæ, загъта коронавирусы ныхмӕ архайды фӕдыл оперативон штабы рабадты рӕстӕджы хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Хуссар Ирыстоны бакæнгæ тобæтæм æнæкæсгæйæ июны ацæудзæн рауагъдон бал, Уæлахизы парад æмæ ирон адæмы 1920 азы геноциды мысæн мадзæлттæ.

Фильмӕй кадртӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Геноциды 100 азмӕ: Хуссар Иры бавдисдзысты документалон киноныв

"Хъæуы Паддзахадон автоинспекцийæн бахæс кæнын, цæмæй 20 июны 12 сахатыл æрлæууа фæндагон змæлд цалдæр минутмæ. Паддзахады разамонæг сараздзæн ныстуан адæммæ фыдохы боны фæдыл информацион фæрæзту ууылты. Уыдзӕн дидинтæ сæвæрыны церемони геноциды амæттæгты цыртмæ, фæлæ къаддæр адæмы хайадистæй ӕмӕ æнæ митингæй", - загъта премьер.

Коронавирусы ныхмӕ тохы фӕдыл оперативон штабы рабадт ацыд Цхинвалы цыппӕрӕмы.

Ӕрвылаз дæр 20 майы Хуссар Иры банысан кæнынц Фыдохы æмæ мысæн бон - уыцы бон 1992 азы æрцыд ирон адæмы ног историйы иууыл æгъатырдæр фыдракæндтæй сæ иу- Ирон адæмы фыццаг геноцид.

Ног хабӕртты лентӕ
0