"Аполлон"-ы балц: Хуссар Иры фӕсивӕд схиздзысты Дзимыры комы Сырхы хохмӕ

© Photo : Александра АлбороваСырх дзуар, Дзимыр, Хуссар Ирыстон
Сырх дзуар, Дзимыр, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ленингоры районы Дзимыры комы Сырх хохы тæккæ цъуппыл ис Сырхы дзаур, науæд та Сырхы Уастырджыйы кувæндон. Раздæр ардæм сцæуыны бар уыд æрмæст Дзуары лæгтæ æмæ фаззæттæн. Хохрæбын та ис дыууæ цады, уыдон хауынц Хъелы платомæ

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды къорд ӕртӕбонон балцы ацӕудзысты Ленингоры районы Дзимыры коммӕ. Ацы аз студентон клуб "Аполлон"-ы фыццаг балцы раздзог уыдзӕн Бестауты Бала.

Къорд афӕндараст уыдзӕн сабаты, йӕ сконды - 30 адӕймаджы бӕрц.

"Фӕсивӕды кӕнӕм Дзимыры комы Сырх хохмӕ, бӕстондӕрӕй та Сырхы Дзуармӕ. Ацы сыгъдӕг бынатмӕ рагзаманты бар уыд схизын ӕрмӕстдӕр Дзуары лӕгтӕ ӕмӕ фаззӕттӕн", - загъта къорды раздзог Бестауты Бала.

Уый ма радзырдта, къордимӕ иумӕ кӕй уыдзӕн зонадон кусӕг ӕмӕ бӕстӕзонӕг Хацырты Мурӕт, уый базонгӕ кӕндзӕн бӕлццӕтты ацы кувӕндоны историимӕ.

© Sputnik / Александра АлбороваЦӕхджын цад
Аполлон-ы балц: Хуссар Иры фӕсивӕд схиздзысты Дзимыры комы Сырхы хохмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕхджын цад

Сырхы хох ӕвӕрд у 3 мин метры денджызы ӕмвӕзадӕй бӕрзонддӕр. Хохрӕбын ис дыууӕ цады, хауынц Хъелы платомӕ.

Сырхы дзуары сæйраг кувæндон ис Ленингор æмæ Цхинвалы районы арæныл, Дзимыргом æмæ Гнугъгомы æхсæн Сырхы хохыл.

Зилæ-хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахизы юбилеймæ: Абхазы тырыса "схызт" Зилгӕ-хохмæ

Ахуыргонд Мӕргъиты Ирбеджы иртасӕнтӕм гӕсгӕ, цадтӕй фыццаг лæууы бындæр, йæ дæргъ 800м бæрц æмæ йæ уæрх та 250 м æввахс. Дыккаг цад ис чысыл хуссарæрдæм, йæ дæргъ у 250 м æмæ йæ уæрх та 200 м бæрц.

"Уæллаг цадæй дæллагмæ цæуы чысыл къада дон. Адæмы 'хсæн ацы цады фæдыл баззад ахæм дзырд, зæгъгæ, ам сæхи надтой уæларвонтæ, чысылдæры — ус, стырдæры та — лæг. Дæллаг цады ма дзимырæгтæ хуыдтой "Цæхджын цад", - фыссы Мӕргъиты Ирбег.

Хохыл цы кувæндон ис, уый ном Дзиццойты Юрий бæтты "сырхы низы" номимæ "Сырхы дзуар "святилище рожи (название болезни)". Сырх (мед) "рожа" + дзуар "святилище". Кæнæ та — "Божество кори". "Корь" та у "фадынæг" — сывæллæттыл хæцгæ низ.

Ног хабӕртты лентӕ
0