Национ истори бахъахъхъæнын: Хуссар Иры райдыдта сывæллæтты нывты конкурс

© Sputnik / Наталья АйриянНывкæнынад
Нывкæнынад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты цытæн республикæйы уагъд цæуы нывты конкурс, цы ран хайад райсыны фадат ис чысыл нывгæнджытæн

ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад уадзы навты конкурс скъоладзауты хсæн, кæцы нывонд у ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæстæн.

Мадзал уагъд цæудзæн дыууæ номинацийы - хуызфыссынад æмæ графикæ. Хайад райсыны фадат дзы ис дыууæ кары категориты скъоладзаутæн - 12-14 азы æмæ 15-17 аздзыдтæн.

"Конкурс хъуамæ ауагътаиккам азы райдайæны, фæлæ йæ стæй ахастам карантины тыххæй. Сæрдыгон каникулты рæстæджы сывæллæттæн уыдзæн бирæ рæстæг, цæмæй бацæттæ кæной сæ куыстытæ", - фехъусын кодта министрады минæвар Гæджиты Анна.

Специалисты ныхæстæм гæсгæ, ацы конкурсы сæйраг нысан у национ истори бахъахъхъæнын.

Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирӕтты геноциды сӕдӕ азмӕ Ахуырады министрад расидт конкурс фӕсивӕды хсӕн

"Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной æмæ хъуыды кæной 1920 азы геноциды фæмардуæвджыты нæмттæ. Мах фæнды, цæмæй сабитæ сæ удхæссæг феной кæцыдæр нацийæ нæ, фæлæ æгъатырдзинадæй æмæ тырной ахæм трагеди мауал æруадзынмæ", - бафтыдта уый.

Скъоладзауты нывтæ иууылдæр хъуамæ дзуапп дæттой конкурсы тематикæйæн.

Уымæй дарддæр ма министрад фæнд кæны геноциды 100 азмæ ауадзын афæдзы дæргъы къорд мадзалы, банысан кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0