"Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн": куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард

© SputnikЛолоты Альберт (астӕуӕй) йӕ хӕлӕрттимӕ
Лолоты Альберт  (астӕуӕй) йӕ хӕлӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дменисы хъӕуы цӕрӕг фӕцӕф ис хӕсты, нырма Фондзбонон хӕст нӕ райдыдта, афтӕ. Гуырдзыстоны ӕфсады ӕрбабырст уый ӕрӕййӕфта рынчындоны, уым ӕй ссардтой гуырдзиаг сармадзантӕ дӕр

Гӕбӕраты Элина, Sputnik 

Старшина Лолоты Альберт фӕцӕф ис 2008 азы августы фыццаг бонты. Уый уӕд куыста Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады. Хӕст уый арвыста рынчындоны, кӕцы уыд ӕппынӕдзух ӕсты бын. Альберты иннӕ цӕфтимӕ аластой Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрмӕстӕр Цхинвалы хъахъхъӕнджытӕ гуырдзиаг ӕфсады куы фӕсырдтой, уӕд.

"Снайпер мӕ фехста фыццӕгӕм августы Дменисмӕ бахизӕны. Нӕмыг сӕмбӕлд мӕ фӕсонтыл ӕмӕ мын бахъыг дардта мӕ рагъыстӕг. Ӕз уыдтӕн фӕстаг, кӕцыйы ныххизын кодтой рынчындоны ныккӕндмӕ. 8 августы нырма уыдтӕн ӕртыккаг уӕладзыгыл палатӕйы", - радзырдта Альберт.
© Sputnik / Natalia Airiyan Лолоты Альберт
Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн: куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лолоты Альберт

Дохтыртӕ куыстой ӕнӕрлӕугӕйӕ, ӕхсӕвӕй-бонӕй, банысан кодта уый. Рынчындомӕ ластой тынг бирӕ адӕмы - куыд ӕфсӕддонты, афтӕ хуымӕтӕг цӕрджыты дӕр.

"Ныккӕнды уыд тынг ӕвзӕр уавӕртӕ. Талынг, рыг, зӕххыл-иу дон куы бакалдтой, цӕмӕй ма рыг кӕна, уӕд та-иу сцъыф ис. Иу ахӕмы та мын мӕ цӕф бастой, ӕмӕ уыцы рӕстӕджы цары сӕрст ӕркалд. Мӕ хъӕдгомыл ӕркалд сыджыт, уый адыл мӕ туг фӕхъӕстӕ ис. Бамбӕрстон, кӕй нал фервӕздзынӕн ӕмӕ дзырдтой дохтыртӕн, зӕгъын, мӕныл уӕ рӕстӕг мауал хардз кӕнут, иннӕ рынчынтӕ ӕркӕсут", - мысы йӕ царды уӕззау бонтӕ Альберт.

Рынчындӕтты уый фӕстӕ Альберт арвыста бирӕ мӕйтӕ: Цхинвалӕй йӕ арвыстой Дзӕуджыхъӕумӕ, уым реанимацийы загътой, кӕй нӕ фервӕздзӕн. Уый фӕстӕ йӕ арвыстой Мӕскуымӕ. Нӕлгоймаг асайдта мӕлӕты ӕмӕ рыздӕхт йӕ бинонтӕм. Ныр ӕм ӕнхъӕлмӕ каст реабилитаци, ногӕй йӕ бахъуыд ахуыр кӕнын цӕрын.

Фӕлӕ бинонты амондджын цард бирӕ нӕ ахаста. Дыууӕ азы фӕстӕ амард йӕ цардӕмбал - бабын ӕй кодта онкологи.

"Уым, ныккӕнды мӕ бинойнаг уыд мӕ фарсмӕ. Мӕн схуыссын кодтой ӕфсӕйнаг дуары комкоммӕ. Уый тынг тарст уыцы дуарӕй, цыма йӕ йӕ зӕрдӕ хатыд... "Град"-ы ӕхстӕй дуар баскъуыд, палатӕ байдзаг ис ӕфсӕн схъистӕй. Мӕ бинойнаджы срӕмыгъды уылӕн аппӕрста цалдӕр метры, ӕз дӕр фестадтӕн зӕххыл. Уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕцудыдта ме 'мкъайы ӕнӕниздзинад", - дзуры нӕлгоймаг.

© SputnikЛолоты Альберты цардӕмбал
Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн: куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лолоты Альберты цардӕмбал

Дыууӕ азы фыдӕбоны фӕстӕ сылгоймаг амард, ныр дӕс азы дӕргъы Лолоты бинонтӕ цӕрынц ӕнӕ мадӕй.

"Мӕ бинойнаг куы амард, уӕд нӕ лӕппуйыл цыд ӕртӕ азы. Ныр ахуыр кӕны ӕстӕм къласы. Тынг хорз ахуыр кӕны, иу цыппар дӕр ын нӕй. Нӕ чызг та ацы аз фӕцис скъола ӕмӕ бацыд университетмӕ, равзӕрста юристпруденци ӕмӕ кӕстӕр кълӕсты ахуыргӕнӕджы дӕсниад", - сӕрыстыр у фыд йӕ цотӕй.

Сывӕллӕттӕ фылдӕр вӕййынц Цхинвалы сӕ хӕстӕджытӕм, лӕппу ахуыр кӕны интернаты.

Альбертӕн ис чысыл зӕронд хӕдзар Дменисы, йӕ агъуыст у тынг ӕдзӕллаг уавӕры, рудзгуытыл та ӕвджыты бӕсты ис конд полиэтилен. Хӕдзары хицау куыд дзуры, афтӕмӕй ӕвзӕр боныгъӕдты ӕддейӕ куыд фӕуары, мидӕгӕй дӕр афтӕ.

"Хицауадмӕ бахатыдтӕн профнастилы тыххӕй, цӕмӕй мӕ хӕдзары агъуыст раивон. Нӕйы мын нӕ загътой, фӕлӕ сӕ нырма ницы хъуысы", - катай кӕны уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Альберты хӕдзар
Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн: куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Альберты хӕдзар
Ног хабӕртты лентӕ
0