"Сырх зонӕ"-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы

© Sputnik / Фатима Плиева"Сырх зонӕ"-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы
Сырх зонӕ-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн фӕззӕджы райдайӕны куы бакодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ республикӕйы сбирӕ сты коронавирусӕй рынчынты нымӕц

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад министрады хъӕппӕрисӕй столицӕйы центры бакодтой баннертӕ медикты хуызисттимӕ. Дохтыртӕ ӕмӕ медхоты рахицӕн кодтой сӕ удуӕлдай куысты тыххӕй "сырх зонӕ"- йы коронавирусы рынчынты нымӕц куы сбирӕ ис, уыцы уӕззау рӕстӕджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы Sputnik фехъусын кодтой ацы хъуыды фыццаг кӕй размӕ кодта президент Бибылты Анатолий.

"Хуссар Ирыстоны фӕззӕджы райдайӕны коронавирус тыхджын куы апарахат ис, уӕд къорд медикты "сырх зонӕ"- йы сӕ тых радтой адӕмы ирвӕзын кӕнынмӕ. Уӕд президент раразмӕ кодта хъуыды, цӕмӕй медицинон фадыджы хъайтарты адӕм зоной цӕсгоммӕ", - загътой уагдоны пресс-службӕйы.

Уым ма бафтыдтой, баннертыл ис канд дохтыртӕ нӕ, фӕлӕ ма астӕуккаг медицинон персоналы кусджытӕ дӕр.

© Sputnik / Фатима Плиева"Сырх зонӕ"-йы хъайтартӕ хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвайлы
Сырх зонӕ-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сырх зонӕ"-йы хъайтартӕ хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвайлы

"Дохтыры раразмӕ кодтой медуагдӕтты разамонджытӕ. Коронавирусы рӕстӕджы цы медиктӕ куыстой, уыдонӕй фиддонтӕм хауы тынг бирӕ адӕм - 800 онг, фӕлӕ сӕ разы сӕвӕрдтой хӕс, цӕмӕй уыдон нымӕцӕй равзарой хуыздӕр кусджыты", - бафтыдтой уым.

Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕн фӕззӕджы райдайӕны куы бакодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ республикӕйы сбирӕ сты коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Октябры астӕумӕ Хуссар Ирыстоны медуагдӕттӕ байдзаг сты тӕссаг вирусӕй рынчынтӕй. "Сырх зонӕ"-йы нал фаг кодтой медперсонал. Ӕххуысмӕ цыдысты волонтертӕ. Социалон хызӕгты сарӕх сты медикты нывтӕ, кӕцытӕ цӕсты хаудтой сӕ удуӕлдай куыстӕй.

© Sputnik / Фатима Плиева"Сырх зонӕ"-йы хъайтартӕ хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвайлы
Сырх зонӕ-йы хъайтарты хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сырх зонӕ"-йы хъайтартӕ хуызисттӕ фӕзындысты Цхинвайлы
Ног хабӕртты лентӕ
0