Цхинвалы "сырх зонӕ" фыццаг бонты ӕмӕ ныр медхойы цӕстӕнгасӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инга ныр дæс азы дæргъы архайы йæ уарзон куысты æнæзæрдæхудтæй, фæлæ ацы аз пандемийы фæстиуæгæн цы æндыгъд уавæр сæвзæрдис, уый йыл тынг бандæвта

ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Йæ пациентты æнæниздзинад сæйрагдæр кæмæн у, аудгæ æмæ сæм бæрнон ахаст чи дары, уыцы медицинон кусджытӕй иу у РММЦ-йы терапийы хайады медхо Деканоидзе Инга.

Инга ныр дæс азы дæргъы архайы йæ уарзон куысты æнæзæрдæхудтæй, фæлæ ацы аз пандемийы фæстиуæгæн цы æндыгъд уавæр сæвзæрдис, уый йыл тынг бандæвта. Уæлдай тынгдæр та хъынцъым кӕны, цы рынчынтимæ куыста, уыдонæй бирæтæн сæ бон баххуыс кæнын кæй нал бацис, уый тыххӕй.

"Æнæхъæн афæдзы дæргъы æппæт дунейы сæвзæргæ уавæр махæй алкæуыл дæр бандæвта æвзæрæрдæм. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, уый æппæты тынгдæр бандæвта, рынчын адæмимæ сæрмагондæй чи куыста, ома, медицинæйы фадыджы кусджытыл. Дæс азы дæргъы алыгъуызон рынчынтæ дæр федтон, фæлæ ковидæй рынчынтæн нæй абарæн, ныры онг цы æнгæс низтæ уыд, уыдонимæ", - дзуры медицинон хо.

РММЦ-йы медперсонал бадзырдмæ гæсгæ радгай куыстой карантины уæвæг æмбæстæгтимæ. Уым цалдæр хатты бакуыста Инга дæр.

"Уыцы рæстæджы кæд адæм уыдысты тыхст, уæддæр не ‘хсæн рынчынтæ уадиссаг нæ уыд. Мах уыд ныфс, тæссаг низ мах онг кæй не ‘рхæццæ уыдзæнис, фæлæ…", - мысы уый.

Фæлæ æрхæццæ, фыццаг хатт дард Китайы чи фæзынд, уыцы æгъатыр низ, космикон тагъдадæй апарахат ис нæ республикæйы дӕр æмæ ахаста дæсгай адæймæгты цард.

Медхо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гиппократы ардбахæрдыл æнувыд: медхо Хуыгаты Мӕдинӕ "сырх зонӕйы" тыххæй

"Куыд-фæстагмæ алчидæр æмбæрста, COVID-19 æнæмæгæй кæй æрхæццæ уыдзæнис махмæ дæр. Йæ ныхмæ тох кæнынæн цы хъуыд, уый бацæттæ кодта нæ министрад дæр, фæлæ ахæм тагъдадæй апарахат уыдзæн, уый æнхъæл ничи уыд æмæ сусæггаг нæу, кæй фæтыхстыстæм", - банысан кодта уый.

Инга куы базыдта, "сырх зонæ"-мæ хъуамæ ацæуа кусынмæ, уæд ма цин дæр бакодта. Арф æнкъараг чызджы зæрдæ рыст коронавирусæй рынчынтыл, фæндыд æй исты сын балæггад кæна æмæ йын ныр уыцы фадат фæцис. Цалдæр сменæйы бакуыста "сырх зонæ"-йы.

"Уым интенсивон терапийы цы уæззау рынчынтæ уыд, уыдоны уавæр мæ цæстыты разæй, мæ хъуыдыкæнынадæй никуы фесæфдзæн. Уымæй размæ телеуынынады дунейы коронавирусæй рынчынты кæнæ сæрмагонд дарæсы медкусджыты куы уыдтон, уæд мæм афтæ кастис, уыдæттæй махæн тас нæу, фæлæ сæ ныр та уыдтон мæхи цæстæй, мæ райгуырæн бæстæйы, ме ‘ввахс ирон адæмы тыхстдзинад", - загъта чызг.

Инга, фæллад не 'нкъаргæйæ, бакуыста "сырх зонæ"-йы æмæ цæсгомджынæй сæххæст кодта йе 'мбæстæгты раз йæ ахсджиаг хæс. Цалдæр боны размæ та уый ногæй бацыд сменӕмӕ "сырх зонæ"-мæ.

"Бирæ хицæндзинад уыд, фыццаг хатт куы уыдтæн зонæйы, æмæ - нырæн. Уæд рынчынтæ уыдысты тынг бирæ, сæ фылдæр уæззау уавæры æмæ ма сын сæ уавæрыл æвзæрырдæм æндæвта тас. Ныр рынчынты нымæц бæрæг фæкъаддæр. Чи ма дзы ис, уыдон дæр сты рогдæр рынчынтæ, нæй сын паникæ æмæ тасы æнкъарæнтæ, афтæмæй та низы ныхмæ тох кæнын у бирæ æнцондæр", - бафиппайдта медхо.

Инга ма куыд загъта, афтæмæй COVID-19 у тæссаг низ, адæймаджы уæнгты апырх вæййы тагъд рæстæгмæ æмæ бахъыгдары цардæн ахсджиаг органты. Уымæ гæсгæ æнæмæнг хъуыддаг у, фыццаг симптомтæ фæхатгæйæ, æвæстиатæй дохтыртæм бацæуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0