"Уыцы æхсæв горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æфсæддонтæ. Кæй æрбацæудзысты, уый нæ зыдтой æрмæст дæр ирæттæ", - банысан кодта Тарзан.
Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, горæты цы гуырдзиæгтæ цард, уыдон сусæгæй ахъуызыдысты æмæ сæ сыхаг ирон адæмæн нæ загътой, æфсад кæй æрбацæудзæнис, уый.