Ӕвзонг кӕсджыты театр Цхинвалы хоны чысыл актерты

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидентон наз бӕлас Цхинвалы
Президентон наз бӕлас Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты аивады галуаны ӕвзонг кӕсджыты театр Мамиты Григорийы разамынадӕй кусы ныр авд азӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 11 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Сывӕллӕтты аивады галуаны ӕвзонг кӕсджыты театр (ӔКТ) Цхинвалы ӕмбырд кӕны сывӕллӕтты актерон дӕсниады къордмӕ, фехъусын кодта Sputnik кружо Сывӕллӕтты аивады галуаны

Ӕвзонг кӕсджыты театры ӕхсӕз рауагъдоны бацыдысты ахуырмӕ ХИПУ-йы театралон аивады факультетмӕ.

"Хонӕм ӕхсӕз азӕй уӕлӕмӕ кары сывӕллӕтты. Кружокы ахуыртӕ уагъд фӕцӕуынц къуыри ӕртӕ хатты. Мах сабиты цӕттӕ кӕнӕм, куыд актерты. Нӕ сывӕллтты фылдӕр сты тынг нымд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъомылгӕнинӕгтӕ кӕд фидӕны актерон дӕсниад нӕ равзарой, уӕддӕр сын райсгӕ зонындзинӕдтӕ фӕпайда уыдзысты царды – вӕййынц нӕм тренингтӕ хъуыдыкӕнынад, ӕнувыддзинад ӕмӕ ӕмбалдзидады фӕдыл", - радзырдта Мамиты Григорий.

Сывӕллӕтты аивады галуаны ӕвзонг кӕсджыты театр Мамиты Григорийы разамынадӕй кусы ныр авд азӕй фылдӕр.

"Кружокы фӕлгӕтты мах теоретикон ахуыртӕй дарддӕр уадзӕм практикон куыстытӕ дӕр – сӕвӕрӕм спектакльтӕ, бацӕттӕ кӕнӕм ралӕудтӕ Президентон наз бӕласмӕ", - бафтыдта уый.

Къорды къухдариуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуынд цӕуынц, кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыцы сабитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0