Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусы ныхмӕ

© Пресс-служба ЮВО РФХуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусӕй
Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Вакцинаци уагъд цӕуы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ базӕйы граждайнаг персоналы барлӕвӕрдӕй

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы 200 ӕфсӕддонӕн сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусон инфекцийы ныхмӕ, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Цӕгат Иры 130 адӕймагӕй фылдӕр сарӕзтой привикӕтӕ коронавирусӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры 130 адӕймагӕй фылдӕр сарӕзтой прививкӕтӕ коронавирусӕй

"Препараты парти ӕрластой базӕмӕ транспортировкӕйы уавӕртӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ. Вирусы ныхмӕ прививкӕтӕ банхъардтой ӕфсӕддонты алкӕцы категорийӕн дӕр. Абоны бон вакцинӕйы дыууӕ компонент дӕр райстой Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕхсӕз мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уым ба бафтыдтой, вакцинаци уагъд кӕй цӕуы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ базӕйы граждайнаг персоналы барлӕвӕрдӕй.

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕввахс рӕстӕджы нывӕндынц саразын прививкӕтӕ 60 минӕй фылдӕр ӕфсӕддонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0