"Ералаш"-ы бындурӕвӕрӕг Борис Грачевский амард коронавирусӕй

© wikipediaБорис Грачевский
Борис Грачевский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты юмористикон журнал "Ералаш"-ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг короновирусимӕ госпитализацигонд ӕрцыд Мӕскуыйы рынчындӕттӕй иумӕ

ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Мӕскуыйы 72-аздзыдӕй йӕ цардӕй ахицӕн "Ералаш"-ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Борис Грачевский, хъусын кӕны РИА Новости.

 Грачевский цалдӕр къуырийы дӕргъы тох кодта коронавирусимӕ – уый госпитализацигонд ӕрцыд Мӕскуыйы горӕттаг 52-ӕм рынчындонмӕ уӕззау уавӕры. Фӕстӕдӕр йе ‘нӕниздзинад фӕхуыздӕр, медиктӕ йӕ хъуамӕ ракодтаиккой медикаментозон фынӕййӕ.

Грачевский - кинорежиссер, сценарист, Уӕрӕсейы иавӕды сгуыхт архайӕг. Зындгонд у куыд фильмтӕ "Крыша", "Между нот, или Тантрическая симфония"-йы режиссер.

Ног хабӕртты лентӕ
0