Транскам байгом - УУМ

© SputnikТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Транскавказаг автомагистраль сæхгæдтой хуыцаубоны изæр зæйтæй рацæуыны тассы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 19 янв - Sputnik. Транскамыл фæндагон змæлд байгом æнæ арæнæвæрдтæй транспорты алы хуызæн дæр, фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны УУМ пресс-службæйы.

"Фæндагон змæлд байгом ис алы хуызы автотранспортæн дæр Бурон – Ручъы тоннелы Цæгаттаг Порталы фадыгыл 2021 азы 19 январы  12:00 сахатæй фæстæмæ сæрмагонд барамынды онг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ иугæнæг фæндаг сæхгæдтой хуыцаубоны изæр зæйтæй рацæуыны тассы тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0