Фадзайты Арсен Хуссар Иры уавӕры тыххӕй: цӕттӕ дӕн хайад райсын баныхасы

Рафыссын
Республикӕйы къухдариуӕгады диалог оппозицон депутаттӕ ӕмӕ Дзабиты Иналы хиуӕттимӕ фӕнд кӕны ӕрнывыл кӕнын хуссарирыстойнаг политикты къорд, сӕ нымӕцы экс-президенттӕ ӕмӕ фыццаг ӕрсидты парламенты депутаттӕ

ЦХИНВАЛ, 20 янв – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы Федерацийы Советы уӕнг Цӕгат Ирыстонӕй Фадзайты Арсен загъта йӕ хъуыды Хуссар Ирыстоны уавӕры тыххӕй. Уый банысан кодта, республикӕйы кризис кӕй къуылымпы кӕны политикон ӕмӕ экономикон райрӕзт, афтӕ ма банхъардта йе ‘ххуыс хицауад ӕмӕ оппозицийы диалогы.

Цхинвалы 4 декабрӕй фӕстӕмӕ цӕуы Дзабиты Иналы хиуӕтты акци. Уыдон ӕвдисынц се нӕразыдзинад лӕппуйы мӕлӕты сгарӕн куысты фӕдыл ӕмӕ домынц, цӕмӕй йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕной генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы ӕмӕ бӕрндзинад хӕсса МХМ раздӕры министр Наниты Игорь.

"Ӕз никӕимӕ дзырдтон ацы уавӕрыл. Республикӕ у чысыл, мах иууылдӕр кӕрӕдзи зонӕм, ӕмӕ мӕн уырныдта, иудзинадмӕ кӕй ӕрцӕудзыстӕм. Дыууӕ экс-президенты ӕмӕ ӕндӕр фӕлтӕрд политиктӕ куы бадзырдтой къухдариуӕгадмӕ ӕмӕ куы фембӕлдысты Дзабиты Иналы бинонтимӕ, уӕд мӕнмӕ цалдӕр хатт бадзырдтой Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ", - загъта Фадзайты Арсен йӕ интервьюйы Sputnik-ӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый куыд ирон, сенатор ӕмӕ Федерацийы Советы Къамисы уӕнг Хуссар Ирыстоны парламентимӕ ӕмгуыстады фӕдыл, йӕхи нӕ аиуварс кӕндзӕн ацы цаутӕй.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды политикты куырдиаты тыххӕй Хуссар Иры уавӕры фӕдыл

Фадзайты Арсен бахахх коджта, республикӕйы разамынад кӕй хъуамӕ ссара компромисс.

"Дзабиты Иналы бинонты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы фӕдагуырд куыд цӕуы, уый. Бирӕ фарстытӕ ис тыхон структурӕтӕм, фӕлӕ мӕн уырны, республикӕйы къухдариуӕгад кӕй ссардзӕн фадат рахизын ацы уавӕрӕй", - бафтыдта Фадзайты Арсен.

Уый размӕ Фадзайты Арсен ныммыхуыр кодта йӕ фарсыл Instagram-ы куырдит, цы ран бахахх кодта, цӕттӕ кӕй у хайад райсын баныхасы.

Гобозты Вячеслав ӕмӕ Цоциты Борис фехъусын кодтой Sputnik, Фадзайты Арсен нырма кӕй нӕ ныхас кодта ацы фарсты фӕдыл инициативон къорды уӕнгтимӕ.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, дыууӕ экс-президенты, парламенты фыццаг ӕрсидты депутаттӕ ӕмӕ Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) фыццаг сӕргълӕууӕг сарӕзтой куырдиат, кӕцыйы банхъардтой хайад райсын хицауад ӕмӕ оппозицийы диалогы.

Ног хабӕртты лентӕ
0