Цæгат Иры æнахъом саби фæхуыдыг ваннæйы

© Photo : РixabayВаннæ
Ваннæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæдысгæрсты версимæ гæсгæ, Дыгургомы 33-аздзыд цæрæг хъуамæ ныннадтаид йæ чысыл сывæллæтты, сбадын сæ кодта ваннæйы, рауагъта дон æмæ рахызт телефонæй дзурынмæ. Ацы æнæхъола ахасты тыххæй фарастмæйдзыд лæппу фæхуыдыг

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг фæдагурджытæ æвзарынц уголовон хъуыддаг бынæттон сылгоймаджы ныхмæ, кæцы аххосджын цæуы йæ æнæбæрнон ахасты тыххæй æнахъом сывæллоны мæлæты. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Иры Слестгæнæн комитеты пресс-службæ.

Фæдысгæрсты версимæ гæсгæ, Дыгургомы 33-аздзыд цæрæг хъуамæ ныннадтаид йæ чысыл сывæллæтты - фарастмæйдзыд лæппу æмæ дыууæаздзыд чызджы, сбадын сæ кодта ваннæйы, рауагъта дон æмæ рахызт телефонæй дзурынмæ.

"Сылгоймаг дон рауагъта æмæ рахызт ваннæйон хатæнæй, сывæллæтты иунæгæй ныууадзгæйæ, æмæ дзырдта мобилон телефонæй. Ацы æнæхъола ахасты тыххæй фарастмæйдзыд лæппу фæныхъуырдта дон æмæ фæхуыдыг", - дзырдæуы хъусинаджы.

Сылгоймаджы ныхмæ барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой уголовон хъуыддаг статья "причинение смерти по неосторожности"-мæ гæсгæ, сгæрст цæрынц, сывæллæттæ цы уавæрты цардысыты бинонтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0