Годжыцаты Нелли: поэт кæй дæн, ууыл мæхицæн æрæджы басастæн

Рафыссын
Цхинвайлаг поэт Годжыцаты Нелли радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йе сфæлдыстады тыххæй

Ирыстон курдиатджын поэттæй цух нæ уыд, фæлæ сылгоймаг йæ хъуыдытæ рифмæты куы сбæтты, уый уæлдай ахаст домы. Годжыцаты Нелли куыд радзырдта, уымæ гæсгæ поэт кæй у, ууыл йæхицæн æрæджы басаст.

"Мæхицæн загътон, цæй кæмæй æмбæхсын поэт дæн, иугæр уыййас аз рацыд æмæ дзы мæ зæрдæйæн æнцойдзинад исын, уæд афтæ у бæлвырддæр", - загъта Нелли.

Ног хабӕртты лентӕ
0