"Стабилон ӕндыгъд уавӕр": Джиоты Мурӕт хатдзӕгтӕ скодта Женеваг дискусситӕн

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурӕт
Джиоты Мурӕт  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2021
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри Женевайы ацыд Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл дискусситы 52-ӕм раунд. Цхинвалы пресс-конференцийыл фембӕлдӕн хатдзӕгтӕ скодта президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт

ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Женевайы Фӕскавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинады фӕдыл дискусситы 52-ӕм раунды хайадисджытӕ ногӕй нӕ рахастой ахсджиаг фӕстиуджытӕ, радзырдта хуссарирыстойнаг делегацийы разамонӕг, президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Боны фӕткы сӕйраг фарстытӕй иу уыд регионы ӕдасдзинад. Хуссарирыстойнаг делегаци банымадта районы уавӕр стабилон ӕндыгъдыл. Ӕххӕстбарджын минӕвар зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, ӕндыгъд уавӕр кӕй фӕзынд гуырдзиаг фарс Хуссар Ирыстоны территорийыл Уисты хъӕуы районы ӕнӕзаконон пост куы сӕвӕрдта, уӕд.

"2019 азы августӕй фӕстӕмӕ мах домӕм, цӕмӕй ацы пост айсой республикӕйы территорийӕ. Ууыл баст у Гуырдзыстонимӕ арӕныл уавӕр", - загъта Джиоты Мурӕт.

ИӔАМ фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.03.2021
Дӕргъвӕтин паузӕйы фӕстӕ: Гуырдзыстонимӕ арӕныл райдыдта ИӔАМ хайадисджыты фембӕлд
Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы ногӕй ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты хъысмӕтыл, кӕцытӕ бахаудтой гуырдзиаг тыхон структурӕты къухтӕм 2008 азы августы, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ нымад сты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл.

Джиоты Мурӕт ма банысан кодта, фембӕлды рӕстӕджы уӕлдай хъусдард кӕй уыд здӕхт тыхӕй ма пайда кӕныны фӕдыл документ бафыссынӕн.

Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар бафтыдта, Женеваг дискусситӕ кӕй сты дӕргъвӕтин дипломатон процесс.

"Алкӕцы фарсӕн дӕр ис йӕхи позици ӕмӕ уый фӕдыл проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнын зын вӕййы", - загъта уый.

Женеваг дискусситы радон раунд нывӕндынц ауадзын ацы аз июны.

Ног хабӕртты лентӕ
0