Хуссар Иры санитарон уагдоны фехъусын кодтой коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.04.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 20 минӕй фылдӕр иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 230 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 91 иртӕсты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 13 равдыстой вирусы уӕвынад, фехъусын кодта майрӕмбоны Sputnik санитарон уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл тесттӕй 13 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта уый.

Гаглойты Анна бафтыдта, медицинон хыгъдӕй иу суткӕмӕ кӕй систой ӕхсӕз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2 855 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 375 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 20 377 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 230 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0