Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой Зӕронд хиды фарстыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Зӕронд хид
Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Рафыссын
Арӕзтады министрады минӕвар базонгӕ кодта депутатты хид рауӕрӕх кӕныны нывӕзтимӕ, фӕлӕ культурон цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайады хистӕр банысан кодта, хиды цур бӕстыхӕйттӕ кӕй нӕй гӕнӕн фехалын

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik. Цхинвалы Зӕронд хиды бынаты ног ӕхсӕз метры фӕтӕн хиды арӕзтад фӕзынын кӕндзӕн зындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ, кӕцытӕ сты архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ, нӕй гӕнӕн фехалын, фехъусын кодта сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинад ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Ӕлборты Алан.

Арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуарды пресс-конференци  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.04.2021
Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

Парламенты комитетты рабадтыл Хуссар Ирыстоны арӕзтады министры хӕдивӕг фехъусын кодта, зӕронд хид фехалыны фӕстӕ нывӕндынц рауӕрӕх кӕнын ног хид ӕхсӕз метры онг.

"Ӕмбӕлон басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, кӕцы ауагътой фарон, аскъуыддзаг кодтой раивын зӕронд хид ногыл, уымӕн ӕмӕ уый ис аварион уавӕры ӕмӕ йӕ нӕй гӕнӕн цалцӕг кӕнын. Йӕ бӕсты нывӕндынц саразын ног хид, фӕлӕ зӕронд хиды хуыз бавӕрдзысты. Афтӕ ма нывӕндынц рауӕрӕх кӕнын хид ӕхсӕз метры онг", - фехъусын кодта министры хӕдивӕг.

Ӕлборты Алан куыд банысан кодта, афтӕмӕй ахӕм скъуыддзаг фӕзынын кӕндзӕн зындзинӕдтӕ хиды уылты фӕндагон змӕлдӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ нӕй гӕнӕн фехалын, уый тыххӕй ӕмӕ сты архитектурон цыртдзӕвӕнтӕ.

Культурӕйы министрады архитектурӕйы цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайды хистӕр Табуты Нелли бахахх кодта, хид кӕй ис ӕвзӕр уавӕры, фӕлӕ бӕрӕг нӕу, аварион у ӕви нӕ. Уый банысан кодта, ӕнӕмӕнг кӕй у культурон объекты консерваци, цӕмӕй йын фӕстӕдӕр фӕхуыздӕр кӕной йӕ хуыз.

"Ног хид ӕддагон миниуджытӕм гӕсгӕ нӕ хауы районы архитектурӕмӕ, афтӕ ма нӕ ӕххӕст кӕндзӕн йӕ функционалон хӕслӕвӕрдтӕ дӕр. Уымӕн ӕмӕ нӕй гӕнӕн фехалын йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ. Уыдон бавӕрдзысты ӕмӕ сӕ сцалцӕг кӕндзысты", - загъта Табуты Нелли.

Депутаттӕ аскъуыддзаг кодтой рахӕссын фарст закондӕттӕг органы президиумы рабадтмӕ, цӕмӕй хиды фарсты фӕдыл ма фехалой республикӕйы законтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0