Цхинвалы микрорайоны цӕрджытӕ баззадысты ӕнӕ газӕй линийыл срӕмыгъды аххосӕй

© PixabayЦхинвалы микрорайоны цӕрджытӕ баззадысты ӕнӕ газӕйы газифтонгады линийыл срӕмыгъды аххосӕй
Цхинвалы микрорайоны цӕрджытӕ баззадысты ӕнӕ газӕйы газифтонгады линийыл срӕмыгъды аххосӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2021
Рафыссын
Цхинвалы микрорайон "Шанхай"-йы иу хай баззад ӕнӕ газӕй. Цалцӕгӕн ӕрмӕг ис фӕндагыл, фехъусын кодтой газифтонгады службӕйы

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон "Шанхай"-йы къорд хӕдзармӕ ӕрурӕдтой газифтонгад сабаты ӕрцӕугӕ срӕмыгъды фӕстӕ, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта "Энергоресурс"-ы газифтонгады службӕйы хистӕр Табуты Нугзар.

8 майы газифтонгады хаххыл цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы ӕрцыд срӕмыгъд. Уый фӕстӕ сарӕх цӕрджыты куырдиаттӕ газы ахъуызыны тыххӕй. Газифтонгады службӕ нал ӕххӕссыд куыстыл.

"Мах бадзырдтам, цӕмӕй ахицӕн кӕнӕм газ, цалынмӕ ӕмбӕлон ӕрмӕг не 'рласæм, уӕдмӕ", - загъта Табуты Нугзар.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, нырма бӕрӕг нӕу, авари кӕд ӕрцӕудзӕн иуварс.

"Абон ныззаказ кодтам æрмæг, се ʻрцыды дырыс датӕ нӕ зонӕм, фӕлӕ сӕ куыддӕр райсӕм, афтӕ райдайдзыстæм цалцӕг", - банысан кодта уый.

Микрорайоны цӕрджытӕ рӕстӕгмӕ балхӕдтой газы баллонтӕ ӕмӕ уыдонӕй пайда кӕнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0