Дзабиты Иналы амарыны зæрдæхсайгæтæ расидтысты нæхæрын

© Sputnik / Наталья АйриянМХМ рæстæгмæдарæн изолятор
МХМ рæстæгмæдарæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Рафыссын
Фыдракæнд саразыны зæрдæхсайгæтæ барвыстой прокуратурæмæ куырдиат, цы ран фехъусын кодтой, кæй сты ахст æнæзаконæй æмæ сæ цы фыдракæнды аххосджын кæнынц, уый кæй нæ сарæзтой

ЦХИНВАЛ, 13 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæмæ 9 майы æрбацыд нæхæрын расидыны фæдыл куырдиат криминалон милицийы кусджытæй, кæцытæ сты ахст МХМ рæстæгмæдарæн изоляторы æмæ сæ аххосджын кæнынц сæ кусæгон барты сæрты ахизыны, кæцы расайдта Цхинвалы 30-аздзыд цæрæг Дзабиты Иналы мæлæт.

Куырдиатыл сæ къухтæ æрфыстой Наниты Ацæмæз, Къозонты Сергей, Багаты Алан, Джиоты Андрей, Сланты Ирбег æмæ Хуыгаты Марат, хъусын кæны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.

"Нæхæрын расидыны аххосаг зæрдæхсайгæтæ рахуыдтой уый æмæ ахст кæй сты æнæзаконæй, æнæаххосæй, зæгъгæ сæ азымджын кæнынц цы фыдракæнд нæ сарæзтой, уым", - дзырдæуы хъусинаджы.

Генпрокуратурæ æркаст зæрдæхсайгæты куырдиатмæ æмæ фæкарздæр кодта хъусдард уыдон ахæсты уавæртæм. Нæхæрын расидынæй фæстæмæ уыдон суткæ дыууæ хатты басгары дохтыр. Уыдонæй иуы хиæнкъарынад февзæр, уымæ гæсгæ йæм дыууæ хатты фæдзырдтой тагъд æххуысмæ.

Августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнты фӕдыл цалдӕрмӕйон акци Театралон фӕзуаты ауагътой лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, афтӕ ма уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0