Хуссарирыстойнаг ӕвзонг боксертӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны Боксы скъола
Хуссар Ирыстоны Боксы скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Рафыссын
Уымӕй размӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан фӕуӕлахиз сты профцӕдисты физкультурон-спортивон ӕхсӕнад "Россия"-йы централон советы фыццагады

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан ралӕудзысты Уӕрӕсейы фыццагады, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОХуссар Ирыстоны Боксы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан
Хуссарирыстойнаг ӕвзонг боксертӕ стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.05.2021
Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан

13-14 аздзыд спортсменты хсӕн ерыстӕ ацӕудзысты 22-30 майы Анапӕйы.

"Ныртӕккӕ боксертӕн райдыдтой цӕттӕгӕнӕн рӕвдзытӕ Анапӕйы, кӕцытӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзысты 21 майы. Уый фӕстӕ уыдон стох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады сӕйраг хорзӕхтыл", - хъусын кӕны пресс-службӕ Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбеджы ныхӕстӕ.

Уымӕй размӕ Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан фӕуӕлахиз сты профцӕдисты физкультурон-спортивон ӕхсӕнад "Россия"-йы централон советы фыццагады.

Ног хабӕртты лентӕ
0