Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы коронавирусон инфекцийӕ фӕрынчын сты 3330 адӕймаджы, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3008 онг

ЦХИНВАЛ,14 май – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ нӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу ног рынчыны дӕр, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртыццӕджы лабораторийы цы 40 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Ацы рӕстӕджы ма медицинон хыгъдӕй систой цыппар адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 322 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 312 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 330 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Сӕнӕнизуӕвджыты нымӕц схызт 3008 онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0