Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты

© Пресс-служба комитета по делам молодежи РЮОЦхинвалы районы сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты
Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Ерысты, кӕцытӕ нывонд уыдысты Уӕлахизы бонӕн, хайад райстой районы хуыздӕр хъазджытӕ. Призтыл ӕдӕппӕт тох кодтой 12 спортсмены

ЦХИНВАЛ, 14 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы спорты хайад ауагъта традицион турнир шашкӕтӕй, кӕцыйы хайад райстой районы хуыздӕр хъазджытӕ. Фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй призтыл тох кодтой 12 спортсмены.

Цхинвалы схорзӕхджын кодтой шахматты турниры уӕлахиздзауты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.04.2021
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой шахматты турниры уӕлахиздзауты

"Ерысты регламентмӕ гӕсгӕ, фембӕлдтӕ цыдысты зылдон системӕмӕ гӕсгӕ. Ерысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, иууыл фылдӕр очкотӕ райста районы администрайы финансон хайады минӕвар Тедеты Николай, кӕцы ссис турниры уӕлахиздзау. Дыккаг бынатыл ацыд Цъунары скъолайы директор Тыбылты Алексей. Ӕртыккаг бынатыл – адӕмон нывгӕнӕг Гӕбӕраты Борис. Фӕсивӕды хсӕн иууыл цӕттӕдӕр разынд Тъбеты хъӕуы минӕвар Бикъойты Станислав", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цхинвалы районы администрацийы спорты хайад хистӕр Тъуриты Тенгиз ӕмӕ республикӕйы шашкӕты федерацийы президент Лолоты Борис схорзӕхджын кодтой ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты грамотатӕй, майдантӕй ӕмӕ кубоктӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0