Цытджын "дембель": куыд афæндараст кодтой хуссарирыстойнаг æрсидтонты запасмæ - видео

Рафыссын
Цхинвалы майрæмбоны ахынцыдтой запасмæ æрсиддонты, кæцытæ рацыдысты æфсæддон службæ. Цытджын церемони ацыд Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон городокы плацыл

Ацы аз æфсæддон билеттæ райсдзысты 66 адæймаджы. Уыдонæн раарфæ кодта хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим.

"Афæдзы размæ æфсады рæнхъытæм æрсидтысты æвзонг лæппутæм, кæцытæ цæсгомджынæй æмæ хъæбатырæй æххæст кодтой сæ конституцион æмæ æхсæнадон хæс, бахастой сæ хайбавæрд паддзахадон суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад бахъахъхъæнынмæ", - загъта уый.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæттæм кæй фæнды бацæуын, уыдонæн бакæндзысты максималон æххуыс.

Ног хабӕртты лентӕ
0