Гæбæраты Фатимæ: æвзагæй фыццаг фесæфынц нымæцонтæ æмæ миногонтæ

Рафыссын
Æрвылаз дæр 15 майы ирон адæм хуссарæй цæгатмæ нысан кæнынц ирон æвзаджы бæрæгбон. Ацы бон снысан кодтой, 1899 азы 15 майы Хетæгкаты Къостайы чиныг "Ирон фæндыр" мыхуыры кæй рацыд, уый тыххæй

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæйы нæхæстæм гæсгæ, ирон æвзаг хорз уавæры нæй, уымæн æмæ ныййарджытæ сæ сабитæм нал дзурынц мадæлон æвзагыл.

"Ныййарджыты куы бафæрсын, дæ сывæллон йæ мадæлон æвзаг цæуылнæ зоны, зæгъгæ, уæд мын сдзуапп кæнынц, ома мультфильмтæм кæсы æмæ уый тыххæй", - бафиппайдта ахуыргæнæг.

Гæбæраты Фатимæ куыд банысан, кодта уымæ гæсгæ Абайты Уасо дæр бинонты хайбавæрдæн стыр нысаниуæг дæтта æвзаджы райрæзты хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0