Хуссар Иры ссардзысты Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ссардзысты Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардзысты Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Фыдохы мадзӕлттӕ ацӕудзысты 29 азы размӕ ӕвирхъау трагеди кӕм ӕрцыд, уыцы бынаты цур

ЦХИНВАЛ, 17 мая – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы, 20 майы, ацӕудзӕн фыдохы акци, кӕцы нывонд у Зары трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады пресс-службӕйы.

Зары трагеди нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны ног историйы иууыл æгъатырдæртæй сæ иуыл, йæ амæттаг баисты 36 адæймаджы, 12 райстой цæфтæ. Фæмардуæвджытæй иууыл кæстæр уыд 11-аздзыд сывæллон, иууыл хистæрыл та цыд 76 азы.

"Ацы бон Зары хъӕумӕ бахизӕны ацӕудзӕн мысӕн акци "Зажги свечу в память о погибших! В душе зажги и никогда не задувай!". 12.03 сахатыл республикӕйы расидтдзысты Ӕппӕтнацион ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ уысм", - фехъусын кодтой культурӕйы министрады.

Фыдохы датӕмӕ паддзахадон телеуыныннад бацӕттӕ кодта тематикон алӕвӕрдты сери Цхинвалы цӕрджыты мысинӕгтимӕ ацы боны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0