Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй дыууæ ног рынчыны

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæТест, коронавирус
Тест, коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Рафыссын
Бон раздӕр та республикӕйы нæ рабӕрӕг кодтой COVID-19 иу ног рынчыны дæр. Пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3333 онг

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой дыууæ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

туаггуыры резервуар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Цхинвалы бирӕпрофилон медцентры монтаж кӕнынц туаггуыры станц

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл дыццӕджы лабораторийы цы 26 тесты сарӕзтой, уыдонӕй дыууæ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой 85 адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3198 онг.Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 135 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 482 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 333 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0