Кокойты Тарзан: Зар равдыста, знаг кæй хъавыд ирон адæмы фæсурынмæ нæ, фæлæ ныццæгъдынмæ

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Тарзан
Кокойты Тарзан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Рафыссын
Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, парламенты цалдæр æрсидтыты депутат Кокойты Тарзан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы радзырдта Зары трагедийы тыххæй
Кокойты Тарзан Зары трагедийы тыххæй: знаг æрæвнæлдта ирон адæмы ныццæгъдынмæ

Хуссар Ирыстоны историйы 1992 азы 20 май фыст æрцыд тугæйдзаг дамгъæтæй. Уыцы бон Зары фæндагыл гуырдзиаг тугдзыхтæ ныццагътой 33 ироны. Кокойты Тразан куыд загъта, афтæмæй уыцы адæм цагъд æрцыдысты æвирхъау хуызы, æвиппайды хъæдрæбынæй æхсгæйæ.

"Зары трагедийы размæ махмæ æрцыд Ереды трагеди, уый размæ дæр сæ къухты кæм æфтыд ирон адæймаг, фистæгæй æви хæдтулгæйыл, уæддæр сæ мардтой сусæгæй-æргомæй", - радзырдта Тарзан Аршакы фырт.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы рабæрæг, знаг кæй æрæвнæлдта ирон адæмы сурынмæ нæ, фæлæ ныццæгъдынмæ.

"Куы ссыдыстæм Зары къуылдыммæ, уæд ахæм нывтæ федтам, кæцытæ лæг фены æрмæстдæр кинонывты, уый æппæт адæм кæрæдзи уæлæ калдæй, туг лæсæн кодта", - æрымысыд раздæры депутат.

Кокойты Тарзан ма куыд банысан кодта, афтæмæй кæд уыцы бонæй ныр рацыд 29 азы, уæддæр ирон адæмы хъæдгом нырма дæр нæ байгас ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0