Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Башар Асадӕн президентон ӕвзӕрстыты уӕлахизы фӕдыл

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий ӕмӕ Башар Асад
Бибылты Анатолий ӕмӕ Башар Асад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2021
Рафыссын
Сириаг Арабаг Республикӕйы хатдзӕгтӕ скодтой бӕстӕйы президенты ӕвзӕрстытӕн – Сирийы адӕм равзӕрстой Башар Асады радон авдазон ӕмгъуыдмӕ

ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Башар Асадӕн Сириаг Арабаг Республикӕйы президентон ӕвзӕрстыты уӕлахизы фӕдыл.

Башар Асады ногӕй равзӕрстой Сирийы президентӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.05.2021
Башар Асады ногӕй равзӕрстой Сирийы президентӕй

Президентон ӕвзӕрстытӕ Сирийы ацыдысты 26 майы. Башар Асад, кӕцы у Сирийы сӕргълӕууӕг 2000 азӕй фӕстӕмӕ, райста хъӕлӕсты 95,1 проценты ӕмӕ рамбылдта президентон ӕвзӕрстыты.

"Дӕ уӕлахиз ӕвзӕрстыты равдыста, ӕхсӕнад кӕй аргъ кӕны Дӕ сгуыхтдзинӕдтӕн бӕстӕйы раз, афтӕ ма адӕмы бӕрзонд ӕууӕнк Дӕ программӕйӕн, кӕцы здӕхт у бӕстӕйы райрӕзтмӕ", - дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы.

Хуссарирыстойнаг лидер фидарӕй загъта, дыууӕ бӕстӕйы хсӕн хӕларадаон ахастытӕ дарддӕр кӕй фидар кӕндзысты ӕмӕ райтынг уыдзысты. Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта САР президентӕн ног ӕнтыстытӕ, сириаг адӕмӕн та сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон.

Дамаск банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сириаг Арабаг Республикӕйы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды. 2019 азы августы САР ӕмӕ РХИ бафыстой бадзырд дыууӕ бӕстӕйы территорийыл базарадон хӕдзӕрттӕ бакӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0