Актеры дӕсниады иууыл стырдӕр курдиат у куыстуарзондзинад – артист ӕмӕ студенткӕ

Рафыссын
Радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры адӕмон арист Тъехты Уасил ӕмӕ ХИПУ актерон факультеты студенткӕ Ӕлборты Сабина радзырдтой сӕ дӕсныйады сусӕгдзинӕдты тыххӕй

Тъехты Уасил куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕрмӕст курдиат фаг нӕу актеры професийӕн - ацы дӕсниад курдиатӕй дарддӕр домы бирӕ куыст.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, курдиат дӕр тынг ахсджиаг у, фӕлӕ куыннӕ куса уыцы курдиат, уӕд дзы ницы рауайдзӕн", - бафиппайдта Уасил.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, актер хъуамӕ цӕрӕнбонты куса йӕхиуыл.

Бӕстондӕрӕй - нӕ видеоӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0