Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл судмедэксперты аххосджын кӕнынц йӕ барты сӕрты ахизыны

© SputnikЗӕгъойты Зӕринӕ
Зӕгъойты Зӕринӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.06.2021
Рафыссын
Зӕгъойты Зӕринӕ ауагъта дыккаг экспертизӕ Цхинвалы цӕрӕджы фӕзианы фӕдыл, кӕцы амард МХМ Криминалон милицийы ӕрфарстты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 7 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы слестгӕнӕн управлени бакодта уголовон хъуыддаг РБМЦ тӕрхондонон-медицинон эксперт Зӕгъойты Зӕринӕйы ныхмӕ - уымӕ зӕрдӕ ӕхсайы кусӕгон барты сӕрты ахизыны. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Басгӕрст рабӕрӕг кодта, эксперт Зӕгъойты Зӕринӕ 2020 азы 30 августы мӕнг зонӕнты бындурыл кӕй бацӕттӕ кодта ӕмӕ радта справкӕ", - радзырдтой прокуратурӕйы.

Уыимӕ уым нӕ банысан кодтой, цавӕр мӕнг зонӕнтӕ бахаудысты уагдоны хъусдарды бын.

Уый фӕдыл 2021 азы 5 июны слестгӕнӕн управлени бакодта уголовон хъуыддаг фыдракӕнды ӕууӕлтӕм гӕсгӕ, кӕцы хауы УФУК 286-ӕм статьяйы фыццаг хаймӕ.

Президент Дзабиты Иналы хъуыддаджы тыххӕй: фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдӕй нӕ аивӕрздзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Президент Дзабиты Иналы хъуыддаджы тыххӕй: фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕздзысты

Зӕгъойты Зӕринӕ ауагъта дыккаг экспертизӕ Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы фӕзианы фӕдыл, кӕцы амард МХМ Криминалон милицийы ӕрфарстты рӕстӕджы. Фӕстӕдӕр Криминалон милицийы кусджытӕ, кӕцыты ӕрцахстой Дзабиты Иналы хъуыддаджы фӕдыл, расидтысты нӕхӕрын - уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ сӕ эксперты мӕнг справкӕйы тыххӕй ӕрцахстой.

Ивгуыд азы августы кӕрон криминалон милицийы бафарстыты фӕстӕ амард Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Инал. Уӕд столицӕйы ацыд митингтӕ, цы ран адӕм домдтой бафхӕрын азымджынты. Кризисы аххосӕй отставкӕйы ацыд хицауад, депутаты иу хай сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны куыст ӕрурӕдтой. Лӕппуйы мӕлӕты рӕстаг сгӕрсты домӕнты фӕдыл цалдӕрмӕйон акци Театралон фӕзуаты ауагътой лӕппуйы ныййарӕг ӕмӕ йе 'мкъай, афтӕ ма уыдон фарсмӕ цы адӕм балӕууыдысты, уыдон.

Ног хабӕртты лентӕ
0