Фехстой "фондзыл": Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ

© Пресс-служба МО РЮОХуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ цӕттӕ кӕнынц АрМИ-2021-мӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.06.2021
Рафыссын
Дӕлхайады къухдариуӕгад нымайы ӕхстытӕ куыд цӕттӕкӕнынады этап ӕвзарӕн ерыстӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты сӕрды

ЦХИНВАЛ, 8 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады сӕрмагонд нысаниуӕджы Батальоны ӕфсӕддонтӕ сӕххӕст кодтой контролон ӕхстытӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ АрМИ-2021-мӕ цӕттӕкӕнынады рӕстӕджы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.06.2021
Хуссар Иры ӕрсиддонтӕ бавнӕлдтой службӕмӕ адаптацийы фыццаг этапмӕ

Ӕфсӕддонтӕ хъуамӕ фӕцӕф кодтаиккой алыгъуызон фигурӕтӕ 200-йӕ 500 метры дистанцимӕ.

"Ацы хӕслӕвӕрд ис ӕфсӕддон хъӕзтыты ерысты программӕйы. Хайадисджытӕ иууылдӕр сӕххӕст кодтой ӕхстытӕ штатон хӕцӕнгарзӕй "иттӕг хорз" нысаныл", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.

Къорды командӕгӕнӕг банысан кодта фӕлварӕнтӕ, кӕцытӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной ӕфсӕддонтӕ ӕввахс рӕстӕджы, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной ӕхсыны фӕлтӕрдтӕ.

Дӕлхайады къухдариуӕгад нымайы ӕхстытӕ куыд цӕттӕкӕнынады этап ӕвзарӕн ерыстӕм, кӕцытӕ ацӕудзысты июнь-июлы хъахъхъӕнынадон уагдоны полигоны базӕйыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0