Бестауты Бала радзырдта, базальты завод цы уавӕрты не ‘рхӕсдзӕн зиан Хуссар Иры экологийӕн

© SputnikБестауты Бала
Бестауты Бала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Ӕрдз хъахъхъӕныныны уагдоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, нырма хъӕуы равзарын, цы технологитӕй пайда кӕндзысты базальтон рауагъдады ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнын фарст экспертизӕйы руаджы

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитет нывӕнды фӕхонын экспертты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйӕ, цӕмӕй ауадзой дыккаджы экспертизӕ базальтон заводыл, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы комитеты сӕрдар Бестауты Бала.

Цхинвалы Арæзтадон æрмæджыты завод - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.02.2021
Цхинвалы Арæзтадон æрмæджыты завод рауӕрӕх кӕндзӕн йӕ фадӕттӕ

Хуссар Ирыстоны базальтон завод арӕзт цӕуы республикӕйы столицӕйы цур, Цхинвалы районы Хеиты хъӕумӕ хӕстӕг. Социалон хызӕгты Цхинвалы цӕрджытӕ бирӕ хатт фехъусын кодтой сӕ нӕразыдзинад заводы арӕзтадимӕ.

"Фарст аскъуыддзаг кодтой республикӕйы къухдариуӕгады. Адӕм хъаст кӕнынц, хъӕуы дыккаджы экспертизӕ, уый фӕдыл та хъӕуы тӕрхон. Тӕрхондоны скъуыддзагӕй гӕнӕн ис аивын фыццаг экспертизӕ ӕмӕ стӕй ӕрбаздахын ӕндӕр экспертты", - загъта Бестауты Бала.

Ӕрдз хъахъхъӕныны комитетимӕ аразджытӕ нӕ баныхас кодтой сӕ архӕйдтыты фӕдыл, банысан кодта Бестауты Бала.

"Тагъд рӕстӕджы ӕрныхас кӕндзысты ацы фарсты фӕдыл хицауады, ӕмӕ уым ӕз зӕгъдзӕн мӕ хъуыды. Мах ссардтам экспертты Санкт-Петербургӕй, уыдон цӕттӕ сты ӕрцӕуын ӕмӕ ауадзын экспертизӕ", - загъта уый.

Кӕд ӕмӕ заводы пайда кӕной нырыккон технологитӕй ӕмбӕлон фильтртимӕ, уӕд экологийӕн зиан не ‘рхӕсдзӕн, бафтыдта Бестауты Бала.

Ног хабӕртты лентӕ
0