Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Магда Гибелли /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 122 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 358 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой иу ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕртыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл цы 62 тесты сарӕзтой, уыдонӕй иу равдыста вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, медицинон хыгъдӕй ивгъуыд суткӕйы систой дыууӕ пациенты, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 335 онг. Медикты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 21 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23  122 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 358 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0