Хуссар Иры уыдзӕн дӕргъвӕтин улӕфт бонтӕ Уӕрӕсейы боны цытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕрӕсейы бон Хуссар Ирыстоны
Уӕрӕсейы бон Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2021
Рафыссын
Республикӕйы Уӕрӕсейы бон нысан кӕнынц куыд паддзахадон бӕрӕгбон ӕмӕ у улӕфт бон. Бӕрӕгбон ацы аз хауы сабатмӕ, уый фӕдыл хицауад рахаста улӕфт бон къуырисӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 10 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы боны цытӕн улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд-фӕдыл – 12-ӕй 14-ӕм июньмӕ.

Ацы аз уӕрӕсейы бон (12 июнь) хауы улӕфт бонмӕ – сабатмӕ, хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, улӕфт бон рахастой къуырисӕрмӕ. Афтӕмӕй республикӕйы улӕфдзысты 12, 13 ӕмӕ 14 июны (сабат, хуыцаубон ӕмӕ къуырисӕр).

Уӕрӕсейы бон, кӕцы нысан кӕнынц 12 июны, нымайынц Уӕрӕсейы иууыл ӕвзонгдӕр паддзахадон бӕрӕгбонтӕй сӕ иуыл. Нысан ӕй кӕнынц 1990 азӕй фӕстӕмӕ, Бӕстӕйы хӕдбардзинады фӕдыл деклараци куы бафыстой, уӕд.

Хуссар Ирыстоны 2005 азӕй фӕстӕмӕ Уӕрӕсейы бон нысан кӕнынц куыд паддзахадон бӕрӕгбон ӕмӕ у улӕфт бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0