"Стыр ӕнтыстытӕ": ХИПУ ректор пандемийы аххосӕй проблемӕтӕ ӕмӕ азы хатдзӕгты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры ацыд ХИПУ ректор Тедеты Вадимы пресс-конференци. Уый радзырдта ахуыргӕнӕндоны куыстыл карантины уавӕрты, афтӕ ма ӕрхаста бӕрӕггӕнӕнтӕ сырх дипломтимӕ рауагъдонтӕ ӕмӕ университеты кусджыты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 11 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим радзырдта журналисттӕн, куыд бандӕвта коронавирус ахуыргӕнӕндоны куыстыл. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ХИПУ ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ рахызтысты кризисон уавӕрӕй минималон фесӕфтимӕ. Ректоры фембӕлд ДИФ минӕвӕрттимӕ ацыд майрӕмбоны Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры.

"Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетӕн бантыст рахизын уавӕрӕй минималон фесӕфтимӕ. Республикӕйы алыгъуызон периодты уыд карантин, ӕмӕ мах ӕрурӕдтам аудиторон ахуыртӕ. 2020 азы 20 октябры куы ӕрурӕдтам нӕ куыст, уӕддӕр ссардтам фадат адарддӕр кӕнын фыццаг семестры ахуыр 15 январӕй. Мах адарддӕр кодтам аудиторон ахуыртӕ, аргъӕвтам зымӕгон сесси, ӕмӕ фӕстӕдӕр райдыдтам дыккаг семестр", - радзырдта ректор.

Тедеты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыккаг семестр ацыд ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл.

© SputnikТедеты Вадим
Стыр ӕнтыстытӕ: ХИПУ ректор пандемийы аххосӕй проблемӕтӕ ӕмӕ азы хатдзӕгты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Тедеты Вадим

Карантинон мадзӕлттӕ бандӕвтой ӕрмӕст ахуырадон процессыл нӕ, фӕлӕ ма нывӕзтгонд мадзӕлттыл дӕр.

Уымӕй дарддӕр, Тедеты Вадим радзырдта студентты тыххӕй, кӕцытӕ фӕнд кӕнынц райсын сырх дипломтӕ, афтӕ ма ахуыргӕнӕндоны кусджыты тыххӕй дӕр, кӕцытӕ хъуамӕ бахъахъхъӕной сӕ диссертацитӕ.

Аспирантурӕйы кӕй фӕнды адарддӕр кӕнын йӕ ахуыр, уыцы рауагъдонтыл дзургӕйӕ ректор банысан кодта, аз ӕмӕ ӕрдӕгмӕ университет кӕй арвыста Донецкмӕ 19 кусӕджы, кӕцытӕ ныридӕгӕн фыссынц диссертацитӕ Донецкы фондз ахуыргӕнӕндоны.

"Ацы аз уыдонӕй цыппар хъахъхъӕндзысты кандидатон диссертацитӕ, иу та – докторон. Уый у ӕнтыст, кӕцы махӕн никуы нӕ уыд", - бахахх кодта ректор.

Афтӕ ма ХИПУ кусджытӕ цӕттӕ кӕнынц диссертацитӕ хъахъхъӕнынмӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Луганскы ахуыргӕнӕндӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0