Хуссар Иры Ленингоры районы ссардтой нӕлгоймаджы мӕрдон буар

© Sputnik / Наталья АйриянЛенингор
Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Прокуратурӕ сгары цауы ӕууӕлтӕ, районы цӕрӕджы мӕлӕты аххосаг нырма бӕрӕг нӕу

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ленингоры районы йӕ хӕдзары кӕрты ссардтой 70-аздзыд бынӕттон цӕрӕджы мӕрдон буар, фехъусын кодта Sputnik районы прокуратурӕйы фӕдагурӕг Бязырты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, амӕлӕты аххосаг нырма бӕрӕг нӕу, уагъд цӕуы экспертизӕ. Социалон хызӕгты фӕзынд хъусинаг, ома нӕлгоймаг ӕрӕджы ӕрыздӕхт Гуырдзыстонӕй ӕмӕ хъуамӕ уыдаид карантиныл районы рынчындоны.

"Ацы нӕлгоймаг карантиныл кӕй хъуамӕ уыдаид, уый фӕдыл мӕм информаци нӕй. Уый уыд куырм ӕмӕ гӕнӕн ис ахаудаид, фӕлӕ уый у развӕлгъау верси, нырма хъуамӕ ауадзой экспертизӕ", - загъта Бязырты Алан.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц нӕлгоймаджы амӕлӕты аххосæгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0