Асурут мын мæ "уазджыты": куыд цæры Цхинвалы фæстаг уираг Джинджихашвили Рибка

© Sputnik / Диана КозаеваРибка Джинджихашвили
Рибка Джинджихашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рафыссын
Сылгоймаг фӕстаг фондз азы бынтондӕр нӕ фӕивта. Раздӕрау исы ӕххуыс, фӕлӕ йын йӕ муртӕ бахӕрынц дзӕгъӕлдзутӕ, йӕ къуым ӕмӕ йӕ алыварс фӕзуат фӕстӕмӕ байдзаг кодта ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнтӕ ӕмӕ быронӕй

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг фӕстаг уираг Рибка (Роза) Джинджихашвили кӕд хицауадӕй дӕр ӕмӕ цӕрджытӕй дӕр хорз ӕххуыс исы, уӕддӕр йӕ царды уавӕртӕ нӕ хуыздӕр кӕнын. Карджын сылгоймагмӕ фӕцахуыр сты цавӕрдӕр адӕм, кӕцытӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕхуындӕй цӕуынц йӕ хӕдзармӕ, ахӕссынц йӕ муртӕ, хатгай йӕ фӕкӕнынц нӕмгӕ дӕр. Уыдон батонынц зӕронд усы кӕрты дуар, раппӕрстой йын йӕ дӕндаг, бацахысынц ын йӕ сынтӕг.

© Sputnik / Диана КозаеваРибка (Роза) Джинджихашвили
Асурут мын мæ уазджыты: куыд цæры Цхинвалы фæстаг уираг Джинджихашвили Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рибка (Роза) Джинджихашвили

Рибка куры, цӕмӕй йын йæ æнæхуынд уазджытæ асурой йæ хæдзарæй.

"Мӕ кӕрты дуар мын цалдӕр хатты батыдтой. Иу хатт мӕ 12 мин сомы ахастой, уый размӕ та 20. Кӕм сӕм бамбӕхсон, уый нӕ зонын", - дзуры Рибка.

Сылгоймаг фӕстаг фондз азы бынтондӕр нӕ фӕивта. Раздӕрау исы ӕххуыс, фӕлӕ йын йӕ муртӕ бахӕрынц дзӕгъӕлдзутӕ, йӕ къуым ӕмӕ йӕ алыварс фӕзуат фӕстӕмӕ байдзаг кодта ӕнӕхъӕугӕ мигӕнӕнтӕ ӕмӕ быронӕй.

© Sputnik / Диана КозаеваРибка (Роза) Джинджихашвили
Асурут мын мæ уазджыты: куыд цæры Цхинвалы фæстаг уираг Джинджихашвили Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рибка (Роза) Джинджихашвили

Рибкамæ ӕппынӕдзух йӕ хъус дары йӕ сыхаг ус Уалыты Ольга, фӕлӕ уый цасдӕр рӕстӕг уыд хоскӕнынмӕ æмæ сылгоймаг аззад æнæхъусдард. Ныр дӕр ын йӕ "уазджыты" фӕсырдта уый - цавӕрдӕр нозтджын сылгоймаг бацыд ӕмӕ йын схуыссыд йӕ сынтӕгыл.

"Цы ӕххуыс хӕссынц Рибкайӕн, уыдон дӕр ын ныууӕй кӕнынц нозтыл. Ӕнӕ уый та ӕвзонг лӕппутӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ йын ӕххуыс кӕнынц, организацитæ, хорз æм кæсынц сых дæр", - загъта сыхаг.

Джинджихашвили йӕхи мӕгуырау уавӕртӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ у ӕнӕввӕрсон - аходӕн исы ӕрмӕст йӕ сыхаг Ольгайы къухӕй.

© Sputnik / Диана КозаеваРибка (Роза) Джинджихашвили
Асурут мын мæ уазджыты: куыд цæры Цхинвалы фæстаг уираг Джинджихашвили Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рибка (Роза) Джинджихашвили

"Сыхӕгтӕ йӕм хорз кӕсынц, фӕлӕ хатгай былысчъилтӕ фӕкӕны сӕ аходӕнтыл - фау хӕссы, уыдон сӕ уазалгӕнӕнты хуыйы фыд кӕй дарынц", - дзуры уый.

Кар ӕмӕ уӕззау цардмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сылгоймаг йӕхи хаты хорз ӕмӕ сыхаг сылгоймæгтæн сӕ цӕстмӕ фӕдары, уыдонӕй йӕ уындджындæр ӕмӕ рӕсугъддӕр кӕй нымайынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0