Хуссар Иры ацӕудзысты мадзӕлттӕ Мысӕн ӕмӕ фыдохы бон цытӕн

CC0 / Pixabay / bernswaelz / Цырагъ
Цырагъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2021
Рафыссын
Культурӕйы министрады ӕрсидтысты ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕрбаиу уой акцимӕ "Зажги свою свечу" ӕмӕ размӕ кӕной Стыр Фыдыбӕстон хӕсты амӕттӕгты мысӕнӕн флешмоб социалон хызӕгты

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны 22 июны ацӕудзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Мысӕн ӕмӕ фыдохы бонӕн, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министрады сӕйраг специалист ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты фӕдыл Остъаты Мӕдинӕ.

Дзауы районы ветерантӕн байуӕрстой бынаты ӕркӕнгӕ картоф - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2020
Дзауы районы ветерантӕн байуӕрстой бынаты ӕркӕнгӕ картоф

Культурӕйы министрад Ахуырады министрадимӕ иумӕ бацӕттӕ кодта театралон равдыст "Реквием", кӕцы бавдисдзысты гимнази "Альбион"-ы актон залы 22 июны, 19.00 сахатыл.

"Мысӕн ӕмӕ фыдохы бон нысан кӕны ӕрвылаз Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны дӕр. Ацы бон, 80 азы размӕ, гермайнаг ӕфсӕдтӕ бахызтысты Советон Цӕдисы территоримӕ ӕмӕ бабырстой Киев, Минск, Рига, Севастополь ӕмӕ ӕндӕр горӕттӕм", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Сӕйраг мадзӕлттӕй иу уыдзӕн мысӕн акци "Зажги свою свечу", кӕцы ацӕудзӕн 22 июны 20.00 сахатыл Кады Аллейы.

"Уым хайад райсдзысты республикӕйы къухдариуӕгад, Уӕрӕсейы минӕварады кусджытӕ, парламенты депутаттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ. Акци хайадисджытӕ ссуддзысты цырӕгътӕ Мӕскуыйы Ӕбӕрӕг солдаты ингӕны артӕй ӕмӕ ссардзысты хӕсты фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ Ӕппӕтнацион ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ уысмӕй", - банысан кодта Остъаты Мӕдинӕ.

Культурӕйы министрады ӕрсидтысты ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй ӕрбаиу уой акцимӕ "Зажги свою свечу" – 21.00 сахатыл уыдон хъуамӕ ссудзой цырагъ сӕ хӕдзӕртты ӕмӕ равдисой къам социалон хызӕгты, уымӕй скусдзӕн флешмоб фӕмардуӕвджыты мысӕнӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0