Хуссар Ир радта Гуырдзыйӕн йе 'мбӕстаджы, кӕцы аз фӕбадт ахӕстоны арӕн фехалыны тыххӕй

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæСлестгӕнӕн изолятор
Слестгӕнӕн изолятор  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Рафыссын
Хетерелийы ӕрурӕдтой форон сӕрды, уӕд ын тӕрхондон аскъуыддзаг кодта иу аз ахӕстоны фӕбадын Хуссар Ирыстоны арӕн ӕнӕзакононӕй фехалыны тыххӕй. Йӕ ахӕсты ӕмгъуыд фӕуыны фӕстӕ арӕнхалӕджы радтой гуырдзиаг фарсӕн

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад радта Гуырдзыстонӕн йе 'мбӕстаг Лаша Хетерелийы, кӕцыйы ӕрурӕдтой фарон июны Хуссар Ирыстоны арӕн ӕнӕзакононӕй фехалыны тыххӕй. Уӕд ын тӕрхондон аскъуыддзаг кодта иу аз ахӕстоны фӕбадын, хъусын кӕны РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ.  

"Гуырдзыстоны ӕбӕстаг ахст ӕрцыд 2020 азы 30 июны Цхинвалы районы хъӕу Отъреуы цур - уый фехӕлдта арӕны режим. Цхинвалы горӕттаг тӕрхондон Хетерелийӕн аскъуыддзаг кодта иу аз ахӕстоны фӕбадын", - банысан кодтой уагдоны.

Комитеты радзырдтой, 24-аздзыд Лаша Хетерелийы 17 июны кӕй радтой гуырдзиаг фарсӕн, йӕ ахӕсты ӕмгъуыд кӕй фӕцыс, уый фӕдыл.

ПӔК-ы ма фехъусын кодтой, Хетерелийы уый размӕ дӕр цалдӕр хатты кӕй ӕркодтой административони ӕмӕ уголовон бӕрнмӕ ӕнгӕс фыдракӕндты тыххӕй ӕмӕ-иу ӕй уый фӕстм феддӕдуар кодтой республикӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0