Хуссар Иры столицӕйы дӕс уынгыл æруромдзысты фæндагон змæлд велозгъорды тыххæй

© Пресс-служба ГАИ РЮОХуссар Иры столицӕйы уынгтыл æруромдзысты фæндагон змæлд велозгъорды тыххæй
Хуссар Иры столицӕйы уынгтыл æруромдзысты фæндагон змæлд велозгъорды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Рафыссын
Велосипедисты стыр къорд райсомӕй райдайдзысты сӕ балц Цхинвалы театралон фӕзуатӕй, бӕлццӕттӕ сӕ фӕндаг Къостайы хъӕумӕ скӕндзысты столицæйыл æрзилгæйæ

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дæс уынгыл сабаты рæстæгмæ æруромдзысты фæндагон змæлд велозгъорд ауадзыны нысанæн, фехъусын кодтой Sputnik МХМ-йы пресс-службæйы.

Велосипедисты стыр къорд райсомӕй райдайдзысты сӕ балц Цхинвалы театралон фӕзуатӕй, бӕлццӕттӕ столицæйыл æрзилгæйæ стӕй та сӕ фӕндаг скӕндзысты Къостайы хъӕумӕ.

Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссар Иры столицӕ Къостайы хъӕуимӕ сбӕтдзӕн велозгъорд

"Велосипедистты маршрут райдайдзæн райсом сабаты Театралон фæзуатæй. Уыдон абалц кæндзысты Хетæгкаты Къостайы уынгыл, стæй ацæудзысты 13 коммунарыл, уырдыгæй ахидзысты Ирæтты уынгмæ, дарддæр сæ маршрут у Путины уынгыл. Хъайтарты уынгæй ахиздзысты Исахъы уынгмæ, стæй сæ фæндаг скæндзысты Цъунармæ", - загътой пресс-службæйы.

Уым ма бафтыдтой, фæстæмæ здæхгæйæ згъорджытӕ сæ фæнаг кӕй ракæндзысты Хъайтарты, Тасойты Инал, Сталины уынгтыл æмæ Джиоты Аланы проспектыл.

Гуырахстджын велозгъорд уадзы къорд "Крути педали", мадзал аразынӕн сын ӕххуыс кӕнынц Мидхъуыддӕгты, Хъахъхъӕнынады ӕмӕ Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0