Ӕнусон арты цур Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд мысӕн акцийы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянӔнусон арт Цхинвалы
Ӕнусон арт Цхинвалы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы ацӕудзысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн мысӕн мадзӕлттӕ

ЦХИНВАЛ, 22 июн - Sputnik. Автотранспортон змӕлд Цхинвалы Ӕнусон арты цур ӕрӕхгӕндзысты дыццӕджы, 19.00 сахатӕй, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн мысӕн мадзӕлтты рӕстӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

"Мысӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты абон изӕры 19.00 сахатӕй фӕстӕмӕ ӕрӕхгӕндзысты Путины ӕмӕ Цоциты Василийы уынгты фадгуытӕ. Фӕндагон змӕлд ацы уынгтыл сног уыдзӕн мадзӕлтты фӕуды фӕстӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн Кады Аллейы цур 20.00 сахатыл ацӕудзӕн акци "Зажги свою свечу". Афтӕ ма республикӕйы цӕрджытӕм сидынц хайад райсын флешмобы ӕмӕ ссарын СФХ фӕмардуӕвджыты ном - раст 21.00 сахатыл ссудзын сӕ хӕдзӕртты мысӕн цырӕгътӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0